Tag Archives: фысджытæ

Ирон фысджыты иумæйаг къам

 

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

УНИКАЛЬНАЯ ФОТОГРАФИЯ — 2 (Фрагменты)

Спасибо всем, кто попытался угадать кто запечатлен на фотографии (см. предыдущий пост).
А теперь фрагменты снимка с указанием фамилий.

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Эпиграммæтæ

  Хозиты Яковы эпиграммæтæй цалдæр:

 

ДЗУРАГ

Æмбал! Кæрон ыскæн дæ дзырдтæн,

Кæннод фæдисы хъæр кæнын:

Дæ докладмæ лæппуйæ ’рцыдтæн

Æмæ зæронд лæгæй цæуын.

 

Е. Т.

Дæ роман у бæрзонд æнтыст,

Йæ кой цæрдзæн æнус, мæ лымæн.

Æмæ зæгъдзысты: уый уыд фыст,

Цæмæй йæ мачи кæса, уымæн!

* * *

«Фурд» йæ чиныг хоны

Боциты Барон,

Уымæн æмæ зоны:

Нæй дзы къаддæр дон.

* * *

Тазе нын каст æгас бон драмæ.

Уыдис æмхæццæ æмæ даргъ,—

Цыфæнды карздæр эпиграммæ

Фаг уымæн не скæндзæнис аргъ.

1937 азы 21 май

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Фысджытæ худынц

Иу поэт тыхстхуызæй афтæ бакодта:

— Нæ фысджыты чингуытæм æркæсын хъæуы. Искæуыл пародитæ куы афыссин. Фæлæ кæуыл?

— Дæхиуыл. Дардмæ цæуын дæ нæ хъæуы,— йæ ныхас æм баппæрста Саламджери.

— Мæхимæ мæ къух нæ тасы. Кæронмæ…

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized