Tag Archives: Ногдзау

Йæ сæр сæрмæ чи хæссы

Астаздзыд Æхсар скъолайы «дыууæ» райста æмæ æнкъардæй хæдзармæ æрцыди. Йæ хызын къуыммæ баппæрста, хæргæ дæр нæ бакодта, дзургæ дæр никæмæ ницы скодта, афтæмæй уыцы тарæрфыгæй къæлæтджыны сбадти.

Йæ фыд æм бакæс-бакæс кæны, стæй йæхи нал баурæдта æмæ йæ фæрсы:
— Цы дыл æрцыди, лæппу? Дзургæ дæр куы никæмæ кæныс…

Æхсар йæ фыдмæ бакаст æмæ йæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодта:
— Мæнæн, «дыууæтæ» чи исы, уыцы лæппуйы фыдимæ ницы ныхасаг ис…

// «Ногдзау», 4/2004

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized