Tag Archives: Рæстдзинад

Турчы цæрæг ирон лæджы балц Ирыстонмæ

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 10 сентябрь.
Уац мыхуыр кæнæм цыбыртæгондæй.

Цæрдзæн кæддæриддæр мæ зæрдæйы

Ирæтты алыгъд Туркмæ нымад цæуы 1859–1865 азты. Уæд, бирæ мыггæгты минæвæрттимæ, æцæгæлон бæстæмæ афтыдысты Кцойты мыггаг дæр.
Сæ байзæддæгтæй иу, 48-аздзыд нæлгоймаг æрæджы, фыццаг хатт æрлæууыд, цæрæнбонты кæмæ бæллыд, уыцы ирон зæххыл. Кцойты Солæман уыд газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы буц уазæг. Сыгъдæг æмæ уæздан у йе сныхас. Раст цыма Ирыстоны райгуырд æмæ æппæт хъуыддæгтæ йæхи цæстæй федта, афтæ хорз зоны алцыдæр.
— Æз цыппæрæм фæлтæры минæвар дæн. Фыццаг Туркмæ афтыд нæ хистæр Боцæ, Мустафа йæ хуыдтой. Мæ фыд Яхуб, кæнæ Али, 14-аздзыдæй сидзæрæй баззад. Арæх-иу дзырдта, йæ райгуырæн зæхх, Ирыстон куыд рæсугъд у, уый тыххæй. Æмæ абон æз уымæн æвдисæн дæн. Поезды цæугæйæ дыууæ боны, дыууæ æхсæвы мæ цæстытæ нæ æрæхгæдтон, Ирыстоны рæзты куы ацæуон æнæ базонгæйæ, зæгъгæ.
— О, мæнæ мын Хуыцау цы хорздзинад радта! Кавказаг адæмы мын фенын кодта. Мæ туг, се стæджы! — уыдысты йæ фыццаг ныхæстæ.

Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Джыбыйы хæсты тыххæй — Об укусе клеща

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 3 август
Джыбыйы хæсты ныхмæ

Сæрд йæ тæмæны кæй бацыдис, уымæ гæсгæ ацы бонты адæймагæн джыбыйы хæстæй уæлдай тæссагдæр у. Джыбыйы хæстæй хи бахизыны тыххæй, хъæды кæнæ цæхæрадоны хъуамæ уай æфтыд æгънæджытимæ даргъ дыстæ æмæ фадгуытæ дæлеаууагъд уæлæдарæсы, стæй рæстæгæй-рæстæгмæ кæрæдзийы буармæ хъæуы æркæсын (тугцъир саск, мыййаг, буары искæцы ран кæд бамбæхстис). Къогъо æмæ мыдыбындзы хъауджы джыбы фæхæцыны рæстæг адæймаджы буары рисмынæггæнæг буаргъæд кæй бауадзы, уымæ гæсгæ йæ хæсты бынат хатгай дæргъвæтин рæстæг нæ рабæрæг вæййы.

Кæм цæрынц джыбытæ?

Джыбытыл сæмбæлæн ис канд хъæды нæ, фæлæ цæрæн бынæтты алыварс дæр. Сасчытæ æмбæхсынц цъæх нæууы, науæд — бæлæсты æмæ къутæрты сыфтæрты æхсæн. Джыбыйы хæст расайы къорд низы (уыдоны æхсæн — тæфсæджы цалдæр хуызы). Ацы низтæй æппæтæй тæссагдæр у энцефалит (амæлынц дзы рынчынтæн сæ 30 %).
Фарон æппæт Уæрæсейы рахатыдæуыд джыбыйы хæсты 500 мин цауы. Сасчытæ фæхæцынц канд хъæды, кæнæ быдыры уæвæг адæмыл нæ, фæлæ горæты центры парчы тезгъогæнджытыл дæр (раст зæгъгæйæ, ахæм цаутæ рауайынц стæм хатт).
Энцефалитæй тæссаг кæй территорийыл у, «Роспотребнадзор»-ы сайт æрвылаз ныммыхуыр кæны ахæм регионты номхыгъд.

Кæд дыл джыбы фæхæцыд…

Джыбы кæуыл фæхæцыд, уыцы адæймаг катай ма кæнæд, фæлæ дохтырмæ бахатæд. Медиктæ æввахс кæмæ не сты, уыцы адæймаг та архайæд хæдбарæй. Адæймагыл фæхæцæг саск йæ цъирæнгарз буары мидæг арфгомау аскъæры. Пинцетæй джыбыйыл хъавгæ ныххæцут æмæ йæ, центрыл æй æрзилгæйæ, уæлæмæ ивазын райдайут. 1–3 зилдухы фæстæ сасчы æнæхъæнæй сисдзыстут. Джыбы рарæдувыныл кæд бафæлварат, уæд ын йæ гуыр йæ сæрæй фæхицæн кæндзыстут.
Пинцеты бæсты спайда кæнæн ис хуымæтæджы фидар æндахæй. Æндах сасчы цъирæнмæ ’ввахс ран балхынцъ кæнут, æмæ тугцъиры сабыргай уæлæмæ сласут.
Джыбы буарæй исыны рæстæг сау стъæлфы æнгæс йæ сæр йæ гуырæй кæд фæхицæн, уæд хæсты бынат ныссæрфынц спъиртæй уымæлгонд бæмбæгæй, кæнæ хæцъилæй. Фæстæдæр хуымæтæджы схъис куыд сласынц, афтæ сасчы сæр сыгъдæг судзинæй сласут.
Джыбыйы буар ма æлхъив (уымæн æмæ афтæ кæнгæйæ, уæвæн ис, æмæ дæ буармæ сасчы буары бамбырд уæвæг бирæ низæфтауджытæ бакæлой).
Фæтæген кæнæ техникон зетийæ тугцъиры ма сæрд, уымæн æмæ джыбы амынд буаргъæдæй амæлдзæн, мард сасчы та буарæй сласын у ноджы зындæр.
Джыбы буарæй æнгуылдзтæй ма исут. Саск сисыны фæстæ дæ къухтæ æмæ хæсты бынат спъиртæй ныссæрф.
Æвзæр фæстиуджытæй хи бахиз. Тæссаг регионы цæрæг адæмы хæс у, джыбытæ цалынмæ нæма фæзындысты, уæдмæ, афæдзы дæргъы адæймаджы чи хъахъхъæны, энцефалиты ныхмæ ахæм прививкæ скæнын.
Низæфтауæгимæ джыбыты сæдæймаг хай кæм ис, ахæм регионтæ нымад сты тæссагтыл. Хæцгæ низæй хи бахизыны нысанимæ буарæй ист джыбыйы аппарыны бæсты авджын бæрцуаты мидæг сæвæрут æмæ йæ хæстæгдæр лабораторимæ раиртасынмæ аласут.
Дохтырмæ æвæстиатæй бахатут æмæ æнæниз уат!

Медицинон профилактикæйы республикон центры
информацион хайад

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Рагон къамтæ дзурынц…

Ацы къам ист æрцыд 1910–1913 азты. Къамы: астæуæй бады Дзитойты Дзамболат, йæ фæйнæфарс йе ’фсымæртæ Хъамболат æмæ Хæмæтхъан, галиуæрдыгæй фыццаг, сæ хæрæфырт Фидараты Дзаххотт, рахизæрдыгæй, кæройнаг чи у, уый бæрæг нæу.

Æрыдон æрæнцад Ирыстоны бæстастæу. Уый рагæй нырмæ дæр уыдис, ирон адæм сæ кæстæрты ахуыр кæнынмæ кæдæм æрвыстой, ирон æгъдау рæсугъдæй кæцæй цыд, ахæм фæрнджын хъæу. Æрмæст йæ семинар ирон адæмæн цы стыр лæггæдтæ бакодта, уыдон дæр кæуылты сты!..
Ардæм Ирыстоны иннæ хъæуты цæрджытæ ивæзтой сæхи, агуырдтой дзы сæхицæн хæлæрттæ, кодтой се ’хсæн хæстæгдзинад.
Æрыдонимæ хæстæгдзинад бакодтой Быдыры Дæргъæвсы Фидараты мыггаг дæр. Инусæн æрхастой Дзитойты Сасинкъайы. Уый ахæм хорз чындз разынди, æмæ йæ хорзы кой баззади мыггаджы æмæ хъæубæсты ’хсæн. Хистæртæн лæггад кæнынæй нæ фæллад, уæлдайдæр та йæ хицауы фыд — Быдыры Дæргъæвсы бындурæвæрæг Фидараты Темырæн. Уыд уазæгуарзон æмæ бæркадкъух æфсин.
Уыимæ Сасинкъа Фидараты стыр мыггагæн дунемæ рауагъта цыппар фырты. Уыдон куы бахъомыл сты, уæд дзы алнидæр уыд мыггаджы ныфс. Фæлæ дзы æртæйæн цæрын нæ бантыст. Фидараты хæдзарæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыдысты Инусы цыппар фырты дæр, æмæ ма дзы æгас хæдзар ссардта æрмæстдæр Дзаххотт.

Черчесты Хъ.,
газет «Рæстдзинад», 2011 азы 3 август

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Алагиры аргъуаны къулыл байгом кодтой Зæнджиаты Бæбуйæн номарæн фæйнæг

Зæнджиаты мыггаджы цырагъдар

Йæ ирон зæхх йæхи уды бæрц чи уарзы, адæмы зæрдæ чи зоны, фыдæлты кад æмæ фарн хæссын чи фæразы царды бæрзæндтæм, уый у фарнхæссæг лæг. Æмæ нæм ахæм лæгтæ ис, уыдис æмæ уыдзæн.
Бæлас йæ уидæгты фæрцы цардхъом у. Афтæ адæм дæр. Фыдæлтæ нал сты, фæлæ нын сæ фæстæ уæлæуыл ныууагътой сæ фарн, сæ уидæгтæ. Уыдон мах кæнынц кæрæдзимæ æнгомдæр.

Ирон адæм афтæ фæзæгъынц: «Ком мæсыгæй фидауы, мыггаг та — лæгæй». Афтæ Зæнджиаты мыггаджы фидауц уыд Зæнджиаты Касайы фырт Бæбу. Йе ’гъдау, йе ’фсарм, йæ лæгдзинад, йæ фыдæбæттæ иууылдæр баст уыдысты адæмы хъуыддæгтимæ, сæ хорздзинадимæ. Зæнджиаты мыггаджы бирæ хорз лæгтæ уыдис, фæлæ Бæбу се ’ппæтæн дæр уыдис ныфсы цæджындз, цырагъдар. Йæ лæгдзинадæй иууылдæр уыдысты хайджын.
Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Нывгæнæг Абойты Зауырбеджы райгуырдыл сæххæст ис 80 азы

Зæрдæйы фæндиаг нæ бафтыд йæ къухы

Мæскуыйæ нæм ацы æнамонд сабар куы сыхъуыст, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг, академик Абойты Зауырбег æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ, уæд уый ирон адæмæн уыд, мæнæ хурбон æваст арв куыд æрцæва, уыйау.

Зауырбег-иу Мæскуыйæ куы ссыд, уæд уый махмæ, газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ, ма ’рбацæуа, уый гæнæн нæ уыд. Хæстæг хионау-иу ыл бацин кодтам, фæфарстам-иу æй йе сфæлдыстады, йæхи царды хабæрттæй, æмæ-иу нын йемæ бацайдагъ зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас.
Зауырбег бирæ азты дæргъы кæд Мæскуыйы фæцард, уæддæр уый уыд, мæнæ афтæ кæмæй фæзæгъынц, къахæй сæрмæ иууылдæр сыгъдæг ирон лæг, йæ алы уæнджы æмæ нуары дæр тæлфыд æмæ змæлыд ирондзинад. Уый та афтæ æмбарын нæ хъæуы æмæ уыд националист, зæгъгæ. Зауырбег æмхуызон бирæ уарзта зæххыл æппæт цæрæг адæмы дæр. Уый ирд æмæ бæлвырдæй зыны йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадыл дæр.
Хорз зыдтон æз дæр Зауырбеджы. Ныффыстон ыл очерк дæр. Цалдæр хатты дзы райстон интервьютæ.
Мæ журналисты блокнотмæ дæр бирæ бахастон Абойы-фырты арфхъуыдыджын ныхæстæй. Уыдонæй æрхæсдзынæн иу скъуыддзаг:

«Хæхтæ бирæ сты, хохæгтæ дæр афтæ. Фæлæ кавказæгтæн ис уæлдай стырдæр кад. Кавказ иу у, кæд алыхуызон æвзæгтыл дзурынц, уæддæр. Æвзаг сæйраг нæу. Сæйраг у уд! Уд йæхи нæ ивы. Уды кондæй уæлдай æмхуызон сты Цæгат Кавказы адæмтæ. Цæсгомæй дæр, æгъдауæй дæр. Нæ амы царды фадæтты руаджы, тугхæстæджы фæрцы. Арфæгонд уæнт не Сфæлдисæг Хуыцау æмæ нæ фыдæлты фарн! Уæлдай амондджындæр та стæм мах, аланты байзæдцæгтæ, иу æвзагыл кæй дзурæм, иу æгъдау æмæ фарн кæмæ ис — Къостайы æвзаг æмæ фарн!..
Ирыстон цæры стыр Кавказы хъæуы. Ацы „хъæуы“ мах, ирæттæ, цæрæм иу „уынджы“, кæнæ иу сыхы… Иунæг не стæм. Нæ фарсмæ, мах хуызæн — кæсæджы, балхъары, адыгты, черкесты, хъазахъы, цæцæны, мæхъæлы, аварты, сомихы æмæ бирæ æндæр уынгтæ æмæ сыхтæ…
Не ’хсæнты цæуы Терчы дон. Уый нæ дихтæ нæ кæны, фæлæ нæ бæтты кæрæдзиуыл. Дæтты фæндæгтæн
ивæн нæй. Бафæлварæд ма исчи Терчы дон фондз дихы ныккæнын кæнæ йæ æнæхъæнæй ауадзын æндæр зæххытыл! Нæ рауайдзæн! Никæй бон бауыдзæн!
Арæх мæ фæфæрсынц мæскуыйæгтæ:
— Ахæм уавæры цæмæн бахауд Кавказ?
— Нæхи аххосæй! — фæзæгъын æз. — Уæлдайдæр та уæлдæр хицауады аххосæй.
— Куыд уыд раздæр та, фыдæлты рæстæджы?
— Алчидæр йæ зæххыл царди сыхагимæ æфсымæры цардæй. Уыдис сæм хæстæгдзинад, бастдзинад, кæрæдзи æмбæрстой, кæрæдзимæ уазæгуаты цыдысты фистæгæй, саргъы бæхыл, кæнæ галуæрдоны. Сæ уæлдай фæллойы бæркад ластой базармæ, æмæ сæ ничи фарста — кæцæй цæуыс, кæдæм цæуыс? Æхсæвиуатиу бакодтой, кæм-иу сыл баталынг, уым. Уæлдай нæ уыд, кæй хъæу у, кæй хæдзар у — цæцæйнаг, кæсгон æви хъазахъаг, ирон æви сомихаг. Уазæджы кæддæриддæр хуыдтой Хуыцауы уазæг æмæ йын уæлдай стырдæр кад æмæ æгъдау кодтой.
Гъе, афтæ цардысты нæ фыдæлтæ. Æмæ мах дæр уыдоны фæзмын хъæуы. Цæрæм иу Стыр хъæуы — Кавказы. Иу хæхты хъæбысы. Иу къæвда ныл уары, иу хур нæ тавы.
Фæлæ, стыр хъыгагæн, абон Кавказы адæмты ’хсæн хæлы нæ раздæры хæлардзинад. Абон знаг чи кæмæн у, уый бæрæг нал ис. Комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ æхсæвы хъуысынц гæрæхтæ, æмæ сæ тарф фынтæй фыццагдæр æрыхъал вæййынц мадæлтæ æмæ сæ сабитæ. Сæ тæригъæд Хуыцау никæмæн ныббардзæн.
Фæлæ фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц!.. Мæн фидарæй уырны, топпы гæрæхты бæсты та Кавказы хæхты ’хсæнæй тагъд рæстæджы фæстæ кæй райхъуысдзæн фæндыры цагъд, æмæ та раздæрау йæ рæсугъд цагъдмæ кæй кафдзысты нæ фæсивæд!»…

Ацы цыбыр скъуыддзаг дзурæг у ууыл, æмæ Абойы-фырт иттæг хорз кæй зыдта ирон адæмы истори, нæ рагфыдæлты хъæздыг фольклор, нæ диссаджы рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитæ.
Ацы аз 1 августы Абойы-фыртыл хъуамæ сæххæст уыдаид 80 азы.Фæлæ уастæн цы загъдæуа хъысмæтæн. Йæ райгуырæн бон та йын иннæ хæттытау ныр дæр йæ бинонты къорд, йæ уарзон æмгæрттæ, йæ бирæ хæлæрттæ бæрæг кæндзысты æнæ йæхи.
Махæн, Зауырбеджы хорз чи зыдта, уыдонæн не ’ппæтæн дæр, нæ зæрдæтæ уæлдай тынгдæр ууыл риссынц, æмæ уымæн абоны онг дæр кæй нæма сбæрæг йæ фесæфты хабар, æмæ йæ ингæны уæлхъус рухсаг зæгъын дæр нæ бон кæй нæу.
Абойты Зауырбег Хетæгкаты Къостайау æрхуым зæрдæимæ æмæ æнкъардæй арвыста йæ сабийы бонтæ. Фæлæ зæрæмæггаг лæппу зæрдæргъæвд рахаста ахуырмæ. Скъолайы фæстæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис Педагогон æмæ Аивæдты училищетæ, уый фæстæ та — Мæскуыйы аивадон-полиграфион институт.
Зауырбеджы курдиат ирдæй райхæлд æмæ нывгæнынады стыр аивады йе ’рмдзæф уæлдай тынгдæр рабæрæг 60-æм азты. Уый йе ’ргом тынгдæр аздæхта графикæмæ, монументалон æмæ портретон жанртæм. Уæрæсейы хуыздæр поэттæ æмæ прозаиктæй бирæты фæндыд, цæмæй сын сæ чингуытæм иллюстрацитæ кодтаид Зауырбег. Æмæ йын уыцы хъуыддаджы чысыл нæ бантыст. Уæрæсейаг зындгонд фысджытæй 180-йæ фылдæрæн сæ чингуытæн скодта иллюстрацитæ.
Æдæппæтæй йын йæ куыстытæм гæсгæ, куыд Уæрæсейы, афтæ бирæ фæсарæйнаг бæстæты дæр сæрмагонд равдыстытæ арæзт æрцыд 14 хатты. Уыдонимæ — Египеты, Ливийы, Тунисы, Сирийы, Иорданийы æмæ æндæр рæтты. Йæ экспонатты нымæц ахызт 300 фылдæрмæ. Йæ сфæлдыстады тыххæй бирæ мидисджын уацхъуыдтæ, рецензитæ ныффыстой нывгæнынады аивады стыр дæснытæ.
Зауырбег нæ номдзыд æмæ хъуыстгонд лæгтæй бирæты портреттæ скодта. Уыдонимæ — А. Пушкины, Хетæгкаты Къостайы, Р. Гамзатовы, В. Шукшины, В. Высоцкийы, Н. Пиросманийы, М. Эсамбаевы, К. Симоновы æмæ иннæты сурæттæ.
Нывкæнынадæй уæлдай Абойы-фырт активонæй архайдта æхсæнадон хъуыддæгты дæр.Уыдис Мæскуыйы Моссоветы депутат. Зæрдиагæй архайдта Мæскуыйы цæрæг ирæтты кæрæдзимæ æрбангомдæр кæныныл. Стыр хъæппæрис равдыста, цæмæй Мæскуыйы арæзт æрцыдаид Ирон аргъуан.
Зауырбегæй-иу арæх ахæм ныхæстæ фехъуыстон, сидзæрыл дур дæр хæрдмæ тулы, зæгъгæ. Æмæ йæ фæстæдæр бамбæрстон, афтæ-иу цæмæн загъта, уый. Æвæццæгæн, æмбæрста, уымæ дæр царды разæй ахæм хъысмæт æнхъæлмæ кæсы, æмæ дзы-иу уый тыххæй схауд ахæм æнкъард ныхæстæ.
Фæлæ уыцы дур кæд, мыййаг, Зауырбеджы дæр æнæнхъæлæджы йæ быны фæкодта, уæддæр ын йæ бирæвæрсыг аивад ныцъцъист кæнын йæ бон нæ бацис. Уый йæ зæрдæйы тæгтæй цы бирæ сфæлдыстадон уацмыстæ сфæлыста, уыдон цæрæнбонтæм дæр арф бынат ахсдзысты адæмы зæрдæты.
Зауырбеджы фесæфты хабары фæстæ Ирыстоны аивадуарзджытæ сагъæс æмæ мæт кодтой, ацы курдиатджын нывгæнæджы алæмæты уацмыстæ куы фесæфой, биноныггонд куы не ’рцæуой, ууыл. Фæлæ йæ цæрæнбон бирæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Фадзайты Арсенæн, уый зæрдиагæй бацархайдта, цæмæй Абойы-фырты куыстытæ — æдæппæт 266 уацмысы — Мæскуыйæ ласт æрцыдаиккой Ирыстонмæ, æмæ ныртæккæ сæ бынат ссардтой Тугъанты Махарбеджы номыл музейы.
Бæргæ, Зауырбег, абон не ’хсæн куы уаис, уæд дын дæ райгуырды 80 азы сæххæсты бон дæ бирæ хæлæрттæ, зонгæтæ, æмгæрттæ, хæстæджытæ, стыр сидтытæ æмæ цы арфæтæ кæниккой, уыдонæн кæрон дæр нæ уаид. Фæлæ… Алцыдæр хъысмæтæй аразгæ у, æмæ цы нæ бон у?!. Мысынæй дарддæр ницы… Æмæ дын дæ ном алкæддæр нæ зæрдыл дардзыстæм. Рухсаг зæгъынмæ та æвзаг нæ тасы…

Черчесты Хъасболат,
газет «Рæстдзинад», 2011 азы 30 июль

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Нывгæнæг Абойты Зауырбеджы райгуырдыл сæххæст ис 80 азы

Зæрдæйы фæндиаг нæ бафтыд йæ къухы
 

Мæскуыйæ нæм ацы æнамонд сабар куы сыхъуыст, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг, академик Абойты Зауырбег æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ, уæд уый ирон адæмæн уыд, мæнæ хурбон æваст арв куыд æрцæва, уыйау.
Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Кинорежиссер Бырнацты Измаилыл сæххæст ис 70 азы

Бæркадджын сты йæ хуынтæ

Ацы сæргондмæ цы ныхæстæ рахастон, уыдон æнæмæнгæй хауынц Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг, зындгонд кннорежиссер Бырнацты Петры фырт Измаилмæ.
Æвæджиауы дзаджджын хуынтæ бахаста йæ Ирыстоны киноаивады къæбицмæ Бырнацы-фырт.

Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Æфсинæн

Фыцгæйæ цы халсартæ асудзай, уыдон æндæр агмæ исгæйæ айзæрын хъæуы сæкæрæй дыууæ уидыджы хъаймагъ æм бафтаугæйæ.

***

Хъæдындз куы лыг кæнай, уæд кард хъæуы атулын уазал доны. Афтæмæй хъæдындз цæстытæ нæ дудын кæндзæн, æмæ цæстысыггæ нæ кæлдзысты.

***

Салд хъæдындз стайын кæнын ма бауадз, афтæмæй йæ æртæ сахаты уазал доны фæдар æмæ суыдзæн ног тынды хуызæн.

***

Хæрыны кæрдæджытæ (басгæрдæг, хъонтхора) цæмæй ногæй фылдæр фæлæууой, уый тыххæй сæ æнæхсадæй сæвæр авгæй банкæйы, йæ сæр ын сæхгæн полиэтилены æмбæрзæнæй æмæ йæ уазалгæнæны бинаг тæрхæгыл сæвæр.

http://ironau.ru/aefsinaen.html

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

«Нæ фæндæгтыл чи фæцæуы, уый цирчы нал худы»

В посвящённом Дню Города выпуске программы «Мæхинымæр» Цара Джанаев популяризирует хорошее иранское слово «сахар», произносит вынесенную в заголовок фразу и рассуждает о городе и горожанах:

3 июля в России отмечается День работников госавтоинспекции. 75 лет назад было утверждено «Положение o Государственной автомобильной инспекции Главного управления paбoчe-кpecтьянcкoй милиции НКВД CCCP».

На ironau.ru читайте интервью главы северо-осетинского ГАИ полковника Бекузарова газете «Рæстдзинад».

Смотрите также другие наши обновления.

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Международный день борьбы со злоупотреблением наркотическими средствами и их незаконным оборотом

Æнæниз æмæ æнæмаст цард —
алцæмæй дæр хуыздæр

1987 азы Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблей уынаффæ рахаста алы аз дæр 26 июны наркотикты æмæ се ’нæзакъон зилдухы ныхмæ тох кæныны æппæтдунеон бон бæрæг кæнын.

Специалисттæ куыд нымайынц, афтæмæй зæххыцъарыл цæрæг адæмæй 3–4 % пайда кæнынц наркотиктæй. Уæрæсейы алы 100 мин адæймагæй 200 сты наркомантæ.

Уæдæ цы у наркотик?

Уый у, адæймаджы сæрымагъзыл æвзæрырдæм чи ахады, психикон æмæ физикон æгъдауæй йын йе уæнгтæ чи сбæтты æмæ йын йæ ныфс чи асæтты, ахæм буаргъæд. Иудадзыг наркотиктæй чи пайда кæны, уыцы адæймæгтæ фæрынчын вæййынц наркоманийæ. Бирæтæм афтæ кæсы, æмæ наркомани у æвзæр ахуыр, фæлæ уый афтæ нæу. Наркомани у низ, æгъатыр низ.

Цæмæй райдайы наркомани?

Уый райдайы, адæймаг æппæты фыццаг наркотик куы бавзары, уæд уымæй. Наркоманы куы бафæрсай, цæмæн райдыдтай наркотиктæй пайда кæнын, зæгъгæ, уæд уыцы фарстмæ алкæмæ дæр разындзæн хицæн дзуапп. Наркоманты ацы æвзæр хъуыддагмæ æркæнынц алыхуызон аххосæгтæ, æрцæуынц æм алыхуызон фæндæгтæй, фæлæ сæ кæрон у иу…

Иунæг хатт дæр наркотик чи бавзæрста, уыцы адæймагæн ыл йæ къух сисыны бон нал бауыдзæн. Уымæн æмæ канд психикон æгъдауæй нæ, фæлæ физикон æгъдауæй дæр наркотик адæймаджы уæнгтæ сбæтты, свæййы организмы æнæфæхицæнгæнгæ хай. Адæймаджы бон æнæ уæлдæф, дон æмæ хæринаг фæцæрын куыд нæу, афтæ наркоманы бон дæр æнæ наркотикæй цæрын нал вæййы. Наркоманæн йæ «хос» куы нæуал уа, уæд æм цæрын дæр нал фæцæуы, райдайы уазал кæнын, бахæцы йыл гуыбынниз, йæ зæрдæ иудадзыг хæццæ кæны, адæймаг бынтон слæмæгъ вæййы, йæ буар æмæ йе стджытæ риссынц. Ахæм уавæрæй йæ фервæзын кæны æрмæстдæр наркотикы ног дозæ. Æмæ афтæ иу хаттæй иннæмæ…

Наркотиктæй пайда кæнын куы райдайы, уымæй фæстæ ма наркоман ацæры иу-7–10 азы. Ис ахæм наркомантæ æмæ, рæстæгæй-рæстæгмæ сæхи адзæбæх кæнгæйæ, 15, 20 æмæ уымæй фылдæр азтæ чи ахæссы. Фæлæ ис, фыццаг дозæйæ дæр чи амæлы кæнæ ма хæрзцыбыр рæстæг, иу-6–8 мæйы чи ацæры, ахæмтæ дæр.

Гæн наркотик у æви нæ?

 

Уац æххæстæй кæс…

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized