Tag Archives: Мах дуг

Токаты Гогки: «Мæнæн мæ райгуырæн бæстæ Ирыстон у, уым мæ ныййардта мæ мад»

Журнал «Мах дуг», 2010 аз, №11

«Ацы адæймаджы ном зоны æгас дуне дæр, йæ Райгуырæн бæстæ Советон Цæдисæй фæстæмæ. Афтæмæй уый у, „Меркури“ æмæ „Аполлон“-ы проектыл чи куыста, уыцы ахуыргæндтæй иу, стæй „Конкорд“-ы проекты автор. 1973 азы йын америкаг астронавттæ Мæйыл сæвæрдтой йæ портрет Вернер фон Брауны портретимæ иумæ». Афтæ фыста «Независимая газета» 2005 азы (№ 15–16).
Токаты Ахмæты фырт Гогки райгуырди Цæгат Ирыстоны Сечеры хъæуы. 1937 азы каст фæци Мæскуыйы Жуковскийы номыл хæстон-уæлдæфон академи, æмæ йæ уым баурæдтой — аэродинамикæйы лабораторийы кусæгæй. Йемæ куыстой Сергей Илюшин, Артем Микоян, Борис Стечкин æмæ æндæр зынгæ конструктортæ, ахуыргæндтæ. 1945 азы Сталины амындæй Берлинмæ æрвыст æрцыди сæрмагонд Паддзахадон къамис. Йæ хæс — хæдтæхджытæ æмæ ракетæтæ аразыны фæдыл трофейон документаци æмбырд кæнын æмæ иртасын. Уыцы къамисы уыди Гогки дæр.
Токаты ахуыргонд, раст лæг уæвгæйæ, цыдæр хъуыддæгты разы нæ кодта Берияйы хæдивæг Серовимæ. Уыйадыл æм уыцы фыдлæг схæрам æмæ йын йæ размæ алы цæлхдуртæ æвæрын байдыдта. Берияимæ цыдæр сусæгвæнд кæй кæнынц йæ ныхмæ, уый бамбæрста Гогки. Уымæ гæсгæ хæстон-уæлдæфон тыхты хистæр афицер Токайы-фыртæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ 1947 азы Берлины англисаг сектормæ йæхи айста æд бинонтæ. Царди æмæ куыста Лондоны. Амарди 2002 азы.
Дауыраты Дамир Гогкийы цард æмæ куысты тыххæй ныффыста документалон уацау «Ироны портрет Мæйыл». Дæлдæр мыхуыр кæнæм скъуыддзæгтæ уыцы уацмысæй.

Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ: СЫЛГОЙМАГ

Хуыцауы, дам, лæджы фесафын куы бафæнды, уæд ын раздæр йæ зонд байсы.
Уæдæ цæмæй æнæхъæн адæм бабытъайлаг уой, сæ сæфты къахыл ныллæууой, уый тыххæй та сæ Хуыцауы ’лгъыст ахæм хуызы æрæййафы, зæгъгæ, уе ’хсæн сылгоймаджы кад фæкъахыр уæд, намыс ын мауал уæд…
Кæд не ’ргом æмзонд æмæ æмдыхæй нæ ирвæзæны фæндагмæ саразинаг стæм, уæд нæ фыццаджы фыццагдæр нæ Хуыцау мæ кувæгау табу æмæ лæгъстæ кæнын СЫАГОЙМАГÆН дæр хъæуы!
Мад…
Хо…
Уарзон…
Бинойнаг, нæ сабиты ныййарæг…
Мадыхо, мадыадгæнæг…
Фыдыхо…
Мадымад, фыдымад, Стыр мад…
Æфсин — хæдзар дарæг-уромæг, не схæссæг, не схъомылгæнæг…

Мæ дзæнæты бадинаг фыдымад Хъызмыдæ-иу афтæ загъта:
— Мад адджын у, зынаргъ. Мад, зæгъгæ, уæд мидæгмæ дзурæм, былæнгомæй.
Кæд, стыр хъыгагæн, алы ныййарæгæй МАД нæ рауайы, уæддæр уый мады цытджын ном дзырддаг нæ кæны. Уымæн æмæ алы мад дæр МАДЫ-МАЙРÆМ у, иугæр ирон æмбисонд — Иу иннæмæн хуыцау у! — растыл нымайæм, уæд.
Мæхæмæт-пехуымпар, Хуыцауы арфæ æмæ саламæй хайджын уæд, афтæ загъта:
— Дзæнæт мады къæхты бын ис.
Ома мад цы фæндæгтыл фæцæуы æмæ кæуылты фæхоны йæ хъæбулы, уыцы къахвæдтæ дзæнæтмæ хонæг вæййынц. Уымæн æвæсмойнаг у мады зондмæ æнувыдæй хъусæг.
Дуне нынкъуыст æмæ та бындуронæй ныр цалæмдæр хатт рафæлдæхт. Æмæ та йæ хæлддзæгты бын фесæфынæн цы æвгъауаг хъуыддæгтæ фæкодта, уыдоны сæйрагдæр æз хонын, ирон сылгоймаджы кад æмæ намыс сæ кæддæры æмвæзадæй бирæ ныллæгдæрмæ кæй æрхаудтой, уый.
Фыццагон æгъдау, фыццагон хъомылады домæнтæ царды сæ уæдыккон карзæй нал ис рауадзæн, фæлæ уæддæр нæ сылыстæг, нæ сылгоймаг билцъ æмæ талатæ иронæргом куынæ фæкæнæм, уæд иннæ хабæрттæ дон сыхырнайæ хæссæгау сты.
Нæлгоймагæй лæгау лæг æрмæстдæр сылгоймаг рауайын кæны — ирон хæдзарон чызг, ирон хæдзарон ус чи вæййы, уый.
Адæмы фарн мæрдтæм нæ цæуы. Æмæ ирон фæрнæйдзаг æмæ уарзон цæстæй акæсæм мæнæ нæ дард хуртæм, нæ туг нын æцæг ирон туг чи кодта, нæ ном нын æцæг нæртон ном чи кодта, уыдонмæ.
Рагон къамтæ сты, æмæ уымæ гæсгæ афтæ зæгъæн ис, зæгъгæ, адонæй, ацы дзæбæх адæмæй иу дæр æгас нал у. Æмæ рухсаг уæнт, рухсаг. Мах та дыууæ дунейы Хуыцау сæ рæстаудæны фæндиаг кæнæд.

Фыссæг Гусалты Барис, зилгæйыхъæуккаг

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Сергей Довлатовы тауыстæ-таурæгътæ

Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №7
Æбуалгъы хабар

Советон Цæдисы культурæйы министр Екатеринæ Фурцева хъаст кодта Святослав Рихтерæн:
— Ростроповичы дачæйы уыцы бæллæхы лæг Солженицын цæмæн цæры? Æбуалгъы хабар!
— Æцæг, æцæг! — сразы Рихтер.— Сæхицæн дæр дзы фезмæлæн куы нæй. Фæлтау Солженицын мæнмæ цæрæд…

Хорзæй йын цы мæ бон у?

Иуахæмы та Советон Цæдисмæ Арманд Хаммер æрбацыдис. Цыты караулы рæнхъы иу бæзæрхыг курсантмæ джихæй кæсгæйæ афæстиат. Изæрæй кинорепортаж Сталин федта. Фæрсы:
— Уыцы уæйыггæндтæ лæппу чи у?
Уайтæккæ йæ сбæлвырд кодтой:
— Курсант Владимир Солоухин!
— Хорзæй йын цы мæ бон у скæнын?
Инæларæй, маршæлæй кæрæдзи сæрты хаугæ атындзыдтой йæ агурæг. Ныр уый хуыррыттæй хуыссы къазармайы.
— Солоухин, уæлæмæ!— хъæр кæнынц инæларæй, маршæлæй.— Цы бæллиц ис дæ зæрдæйы арфы?
— Мæнæ цыдæр æмдзæвгæтæ фыссын æмæ сæ, тæхуды, искæдбон мыхуыргондæй фен…
Дыууæ къуырийы фæстæ рацыд йæ чиныг — «Дождь в степи».

Иттæг æнæниз

Мстислав Ростропович гастрольты Швецимæ цыдис, æмæ йын йæ усы йемæ нæ уагътой. Иу чиновник ын зонд амоны:
— Æнæфæразгæ дæн, зæгъгæ, ныффысс æмæ, зæгъ, цæстфæдаринаг кæй дæн, уый адыл мын ме ’фсины мемæ ауадзут.
Ростропович дæр ныффыста: «Иттæг æнæниз кæй дæн, уымæ гæсгæ уæ курын, цæмæй мын мæ бинойнаджы дæр мемæ ауадзат. Уый та у Галинæ Вишневская».
Ахæм аргумент суанг советон чиновниктæм дæр бахъардта.

Уæхæдæг ма йыл ахъуыды кæнут

Андрей Битов æрыгонæй пысырайæ уæлдай нæ уыд, ноджы ма нозтдзæфæй йе ’мгæрæтты ма ауайай æвыдæй. Æмæ дын иуахæмы Андрей Вознесенскийы уачъи куы ныддауид.
Æмбæлтты тæрхонмæ йæ бавдыстой. Йæ хабар сæ хæрзтæй нæ уыд, Фæстаг дзырды бар ын радтой.
— Байхъусут уал мæм лæмбынæг, æмæ уæд рæстмæ тæрхон скæнат. Æцæг уал мæм раздæр байхъусут æмæ базонут, хъуыддаг æцæгдзинадæй куыд рауад, уый. Æз уын æй радзурдзынæн æргомæй, æмæ мæ уæд сымах дæр бамбардзыстут. Куы мæ бамбарат, уæд та мæ фарсхæцæг фæуыдзыстут. Уымæн æмæ æз æппындæр ницы азымджын дæн, мисхалы бæрц дæр. Æмæ уый ныртæккæ уе ’ппæт дæр фендзыстут. Сæйраджыдæр мæм байхъусут, æмæ йæ уæд базондзыстут, цы ’рцыд, уый куыд æрцыд…
— Гъы, гъы, уæддæр æцæджы хъуыддагæй куыд рауадис хабар? Хъусæм дæм…
— Хъуыддаг, цæвиттон, уый мидæг ис, æмæ дын мæнæ æз ныр Парижы. Бацыдтæн дын «Континенталы» редакцимæ. Æмæ, куыд æнхъæлут, фыццагдæр дзы кæуыл сæмбæлдтæн, уый, сымахмæ гæсгæ, чи уыд? Вознесенский! Кæсын, æмæ дын мæнæ лæууы. Ныр ма йыл уæхæдæг бæстон ахъуыды кæнут,— Битовы хъæлæс ныннæрыд.— Куыд ын хъуамæ нæ ныуудæстаин иу йæ уачъийæн?!

150 проценты

Вагрич Бахчаняны бафарстæуыд:
— Сомихаг дæ, æццæй?
— Сомихаг дæн.
— Сæдæ проценты æххæстæй?
— Сæдæ фæндзай.
— Уый та куыд?
— Суанг мæ фыдыус дæр ма сомихаг уыд!

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Несколько рисунков художницы Фатимы Цаллаговой

Журнал «Мах дуг», 2006 аз, №2

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Зындгонд ирон сылгоймæгтæ — Известные осетинки

 Къамтæ: «Мах дуг», 2010 аз, №3
Токаты Алихан
СЫЛГОЙМАГ
Хæйрæгæн йæ цæстæнгас райста,
Хæцаг калм ын радта æвзаг.
Йæ дзæбæх уынд зæдæн уый байста,
Йæ къахайст та радта йын саг.

Гæдыйæн уый райста йæ митæ,
Сывæллонæй — мидбылты худт.
Йæ зæрдæйы — бирæ фыдхинтæ…
Йæ цæссыг йæхи мидæг уыд.

Рæсугъдæй фыд-зæрдæтæ исы,
Йæ фыдæвзаг маргæй у дзаг.
Лæгæн уый йæ зæрдæмæ хизы,
Мæстыйæ уый — калмау хæцаг.

Йæ зæрдæ хæйрæгау фæливы:
Куы уары, куы хурау кæсы.
Мæлæтау йæхимæ ыссивы,
Уый зæрдæтæ ласы, хæссы.

Фыруарзтæй æцæг уый фæкæуы,
Мæстыйæ фæхуды æргом…
Кæй нæ уæ, кæй нæ уæ нæ хъæуы?!
Йæ ном у… Сылгоймаг — йæ ном.


 
ДАЛЕЕ: перевод стихотворения и еще 12 фотографий]

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Ирон фысджыты иумæйаг къам

 

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

УНИКАЛЬНАЯ ФОТОГРАФИЯ — 2 (Фрагменты)

Спасибо всем, кто попытался угадать кто запечатлен на фотографии (см. предыдущий пост).
А теперь фрагменты снимка с указанием фамилий.

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

УНИКАЛЬНАЯ ФОТОГРАФИЯ

Уникальность этой фотографии в том, что на ней вместе запечатлены многие выдающиеся осетины, цвет осетинской гуманитарной интеллигенции того времени (начало 30-х г.) — писатели, этнографы, языковеды, переводчики.
Сначала я хотел написать фамилии тех (знаю не всех!), кто на фото, но потом решил — может читатели блога сами смогут определить кто есть кто :-)
Источник фотографии: «Мах дуг», 2002 г., №6.

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

ГАБУТЫ ХАЗБИ (1931 — 2011)

(«Мах дуг», 1997 аз №10)
Райгуырдис Дзауы районы Тамагины хъæуы. Каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститут. 1951 азы сдзырдта Хуссар Ирыстоны скъолаты мадæлон æвзаг ахуыр кæныны сæрыл, æмæ йæ йе ’мбæлтты къордимæ æрцахстой.
1954 азы йæ сраст кодтой. Куыста завод «Вибромашина»-йы, Цхинвалы арæзтæдты, уыди газет «Советон Ирыстон»-ы корректор.
Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1948 азы.
Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

РАГОН КЪÆЛИНДАРЫ СЫФТÆЙ

(Кæцæй ист у: Журнал «Мах дуг», 1997 аз, №1)

Ирыхъæуы Байаты Чермены номыл уынджы цардис, йæ заманы бирæ бæстæтыл чи фæзылди, ахæм карджын лæг Хъантемыраты Ибрагим — нæ зындгонд цирчы барæг Алыбеджы кæстæр æфсымæр. (Сæ дыууæ дæр рухсаг уæнт). Ибрагим дæр кæддæр цирчы барæг уыд, растдæр зæгъгæйæ та — барджыты къорды разамонæг.
Абон уæ зонгæ кæнæм, 1912 азæн æм цы ирон къæлиндар уыдис, уымæй иу къорд скъуыддзагимæ. Уыцы къæлиндартæ афæдзæй-афæдзмæ мыхуыргонд цыдысты Дзæуджыхъæуы Шуваловы типолитографийы.
Бонтæ амонынæй уæлдай ма-иу мыхуыр кодта æмбисæндтæ, алыхуызон амындтытæ, хицæн цаутæ Ирыстоны цардæй. Афтæ нæм кæсы, æмæ дзы абоны журналкæсæг дæр исты ногдзинæдтæ базондзæн. Зæгъæм, вилкæ нæ, фæлæ фыдис дзырдтой нæ фыдæлтæ, нартхор (ома нæртон хор) нæ, фæлæ нардхор, нашатыры спъиртты бæсты — мысатыры арахъ. Бæрæгбæтты æмæ хуымæтæджы фæлладуадзæн бонты (зæгъæм, хуыцаубоны) сыфтыл фыст у: «Хъуыддаджы бон нæу».

Мамсыраты Мурат

Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized