Tag Archives: Байаты Гаппо

«Ирыстон мæнæн кувæндон у» (Байаты Гаппо)

«Ирыстон мæнæн кувæндон у»

Иры разагъды лæг Байаты Гаппо уыдис Къостайы æмдугон. Райгуырдис 1869-æм азы Дзæуджыхъæуы. Ам 1889 азы каст фæцис гимназ. 1894 азы ахуырмæ бацыд Одессæйы университеты юридикон факультетмæ. 1895–1905 азты куыста адвокатæй йæ райгуырæн горæты. 1905 азы æвзæрст æрцыдис бургомистрæй, 1910–1920 азты та обер-бургомистрæй.
Гаппо йæхæдæг йæ автобиографийы куыд фыссы, афтæмæй «ирон адæмы национ химбарынад райхъал кæнынæн, йæ культурон æмвæзад ын фæбæрзонддæр кæнынæн, ирон фыссынад райрæзын кæнынæн» бирæ хъарутæ бахардз кодта, æрыгон ирон литературæйы фыццаг уацмыстæ джиппы рауадзыныл. Уыдонимæ уыдысты Къостайы «Ирон фæндыр», Къубалты Алыксандры поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ», йæхи чингуытæ «Ирон аргъæуттæ», «Ирон æмбисæндтæ», альманах «Фарн», уацтæ «Нозт марг у», «Тамако ма дымут» æмæ æндæртæ. Уыцы чингуытæ лæвар байуæрста Ирыстоны хъæутыл. «Сæ ахадындзинад стыр уыд: райхъал кодтой нæ рагон ирайнаг адæмы сфæлдыстадон удварны хъарутæ æмæ систы фæзминаг.
Мидхæсты заман, йæ хæдзæрттæ æмæ исбон национализацигонд кæй æрцыдысты, Цæгат Ирыстоны йын цæрыны фадат кæй нал уыд, уымæ гæсгæ 1920 азы ацыд Тифлисмæ. Уым куыста, йæхæдæг бындурæвæрæг кæмæн уыд, уыцы газет «Ног цард»-ы редакторæй, ирон адæмон скъолаты ахуыргæнæгæй. Фæлæ йæ Тифлисæй дæр лидзын бахъуыд.
1921 азы мартъийы Гуырдзыстон бацахстой большевиктæ, æмæ Гаппо афтыдис Константинопольмæ, уырдыгæй та — Берлинмæ.

«1922 азы августмæ æз уыдтæн, Гутнаты Елбыздыхъойы рауагъдады уæд цы уырыссаг журнал цыд, „Сполохи“, зæгъгæ, уый базарады хайады редактор. Уыцы рауагъдады мæ къухы бафтыд ирон чингуытæ уадзын. 1922 азы августы Берлины рацыд нæ адæмон поэт Хетæгкаты Къостайы „Ирон фæндыр“, йæ биографи йын ныффыстон мæхæдæг.
Ноябры тæлмацгондæй рацыд „Алгъуызы кадæг“ мæ разныхасимæ. Уыцы рауагъдадмæ ма Кавказæй æрæрвыстой цалдæр ахсджиаг къухфысты; тæлмацæй мыхуыры фæзындысты Шиллеры уацмыстæ æмæ цалдæр æндæр чиныджы æмæ адæмон къæлиндартæ. Чингуытæ æрвыст æрцыдысты мæ райгуырæн бæстæмæ. Ноджы сæ ахæлиу кодтон Европæйы алыхуызон наукон институтты ахуыргæндты ’хсæн, цæмæй се ’ргом тынгдæр аздæхтаиккой ирон адæммæ æмæ Кавказмæ»
.

Гаппо стыр бавæрæн бахаста Всеволод Миллеры «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат» саразынмæ. Дзырдуат Ленинграды куы рацыд, уæд тынг цин кодта: «Нæ фæсивæдæн уый уыдзæн ахъаззаджы уацмыс немыцаг æвзаг ахуыр кæнынæн».
Бирæ сфæлдыстадон бынтæ баззадис Байаты Гаппойæн Берлины Пруссийы национ культурæйы архивы. Ивгъуыд æнусы кæрон архив бабæрæг кодта Сывæллæтты республикон библиотекæйы директоры хæдивæг Цомайты Тамарæ æмæ, йæ къухы цы бафтыдис Гаппойы фыстытæй, уыдонæн систа сæ къопитæ, æрласта сæ Ирыстонмæ. Уæлдæр кæй кой кæнын, уыцы автобиографи дæр архивы æрмæджытимæ уыд. Гаппо райгуырæн бæстæ куыд уарзта, куыд æй мысыд, уый тыххæй йын Тамарæ йæ фыстæджыты ахæм зынаргъ ныхæстæ ссардта: «Ирыстон мæнæн мæ кувæндон у… Мæ уаты рудзгуытæ нæхирдæм арæзт сты. Æдзухæй мæм хъæр хъуысы: „Гаппо, нæ каст æрмæст дæумæ у… Ирон чиныгæн исты бакæн… Азимаг нæ фæдæн, хæсты быдыры иу адæймаг æфсад нæу. Тæхуды, рæсугъд тохы чи амæлы йæ бæсты сæрыл! Мæ зæронд хъару, мæ зæрдæ, мæ зонд радтон ацы, нæ адæмæн иттæг зынаргъ куыстæн… Фæлæ Германы æвиппайды наусаст фæдæн… Фæихсыйынц мæ бонтæ хурныгуылæны изæрау, дзæгъæл зайынц бирæ хорз хъуыддæгтæ, инуæг сидзæрау…“»
Куыд зæрдиагæй йæ фæндыд Ирыстонæн удуæлдай лæггад кæнын, ууыл дзурæг у, дæлдæр цы уац мыхуыр кæнæм, уый дæр. Æцæг уарзтæн æмгъуыд нæй. Хъуыдыйаг куы уаиккой Иры фырттæн фæлтæрæй-фæлтæрмæ Байаты Гаппойы ныхæстæ: «Æнахъазæй фæцæрын цæрдудæй амæлынæй хъауджыдæр нæу… Иу лæджы бон бакæнын цы хорз хъуыддаг нæу, уый бирæ адæм æмдыхæй лæгау сæххæст кæнынц! Фæсивæд, хæцут уæ ирон хæдзарыл фидар!..»
Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized