Tag Archives: песни

Зарæг «Райгуырæн Зæхх» (текст æмæ мп3)

Чеджемты Æхсары ныхæстæ

Райгуырæн зæхх

Бæстæтæ бирæ сты, дуне — уæрæх,
Цард сæ æнхъæвзы фæрнæй.
О, фæлæ мады ад, Райгуырæн зæхх,
Зонын æрмæстдæр дæуæй!

Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæн хурмæ хæссы. Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Лæвар (перепост)

„Лæвар“, песня из блога Регины Ревазовой:

Мæ риуы дын лæвар æмбæхст и,
Дæ фæдыл тоны алы бон,
Нæ йæм уæнды æвналын ничи
Æрмæст дæуæн у, афтæ зон.

Цæстыты ‘взагæй демæ дзурын –
Мæ ныхæстæ нæ уадзыс ‘ввахс
Æвæлладæй дæ зæрдæ курын
Фæндæгтæ бафæлвæрдтон цас…

Фæфæнды мæ æрхæссын арвæй
Æрттивгæ стъалы, армы тыхт,
Фæлæ дæхæдæг дæ ыстъалы
Лæвæр та дын мæ риуы ‘ мбæхст.

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized