Tag Archives: Заурбек Абоев

Нывгæнæг Абойты Зауырбеджы райгуырдыл сæххæст ис 80 азы

Зæрдæйы фæндиаг нæ бафтыд йæ къухы

Мæскуыйæ нæм ацы æнамонд сабар куы сыхъуыст, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг, академик Абойты Зауырбег æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ, уæд уый ирон адæмæн уыд, мæнæ хурбон æваст арв куыд æрцæва, уыйау.

Зауырбег-иу Мæскуыйæ куы ссыд, уæд уый махмæ, газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ, ма ’рбацæуа, уый гæнæн нæ уыд. Хæстæг хионау-иу ыл бацин кодтам, фæфарстам-иу æй йе сфæлдыстады, йæхи царды хабæрттæй, æмæ-иу нын йемæ бацайдагъ зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас.
Зауырбег бирæ азты дæргъы кæд Мæскуыйы фæцард, уæддæр уый уыд, мæнæ афтæ кæмæй фæзæгъынц, къахæй сæрмæ иууылдæр сыгъдæг ирон лæг, йæ алы уæнджы æмæ нуары дæр тæлфыд æмæ змæлыд ирондзинад. Уый та афтæ æмбарын нæ хъæуы æмæ уыд националист, зæгъгæ. Зауырбег æмхуызон бирæ уарзта зæххыл æппæт цæрæг адæмы дæр. Уый ирд æмæ бæлвырдæй зыны йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадыл дæр.
Хорз зыдтон æз дæр Зауырбеджы. Ныффыстон ыл очерк дæр. Цалдæр хатты дзы райстон интервьютæ.
Мæ журналисты блокнотмæ дæр бирæ бахастон Абойы-фырты арфхъуыдыджын ныхæстæй. Уыдонæй æрхæсдзынæн иу скъуыддзаг:

«Хæхтæ бирæ сты, хохæгтæ дæр афтæ. Фæлæ кавказæгтæн ис уæлдай стырдæр кад. Кавказ иу у, кæд алыхуызон æвзæгтыл дзурынц, уæддæр. Æвзаг сæйраг нæу. Сæйраг у уд! Уд йæхи нæ ивы. Уды кондæй уæлдай æмхуызон сты Цæгат Кавказы адæмтæ. Цæсгомæй дæр, æгъдауæй дæр. Нæ амы царды фадæтты руаджы, тугхæстæджы фæрцы. Арфæгонд уæнт не Сфæлдисæг Хуыцау æмæ нæ фыдæлты фарн! Уæлдай амондджындæр та стæм мах, аланты байзæдцæгтæ, иу æвзагыл кæй дзурæм, иу æгъдау æмæ фарн кæмæ ис — Къостайы æвзаг æмæ фарн!..
Ирыстон цæры стыр Кавказы хъæуы. Ацы „хъæуы“ мах, ирæттæ, цæрæм иу „уынджы“, кæнæ иу сыхы… Иунæг не стæм. Нæ фарсмæ, мах хуызæн — кæсæджы, балхъары, адыгты, черкесты, хъазахъы, цæцæны, мæхъæлы, аварты, сомихы æмæ бирæ æндæр уынгтæ æмæ сыхтæ…
Не ’хсæнты цæуы Терчы дон. Уый нæ дихтæ нæ кæны, фæлæ нæ бæтты кæрæдзиуыл. Дæтты фæндæгтæн
ивæн нæй. Бафæлварæд ма исчи Терчы дон фондз дихы ныккæнын кæнæ йæ æнæхъæнæй ауадзын æндæр зæххытыл! Нæ рауайдзæн! Никæй бон бауыдзæн!
Арæх мæ фæфæрсынц мæскуыйæгтæ:
— Ахæм уавæры цæмæн бахауд Кавказ?
— Нæхи аххосæй! — фæзæгъын æз. — Уæлдайдæр та уæлдæр хицауады аххосæй.
— Куыд уыд раздæр та, фыдæлты рæстæджы?
— Алчидæр йæ зæххыл царди сыхагимæ æфсымæры цардæй. Уыдис сæм хæстæгдзинад, бастдзинад, кæрæдзи æмбæрстой, кæрæдзимæ уазæгуаты цыдысты фистæгæй, саргъы бæхыл, кæнæ галуæрдоны. Сæ уæлдай фæллойы бæркад ластой базармæ, æмæ сæ ничи фарста — кæцæй цæуыс, кæдæм цæуыс? Æхсæвиуатиу бакодтой, кæм-иу сыл баталынг, уым. Уæлдай нæ уыд, кæй хъæу у, кæй хæдзар у — цæцæйнаг, кæсгон æви хъазахъаг, ирон æви сомихаг. Уазæджы кæддæриддæр хуыдтой Хуыцауы уазæг æмæ йын уæлдай стырдæр кад æмæ æгъдау кодтой.
Гъе, афтæ цардысты нæ фыдæлтæ. Æмæ мах дæр уыдоны фæзмын хъæуы. Цæрæм иу Стыр хъæуы — Кавказы. Иу хæхты хъæбысы. Иу къæвда ныл уары, иу хур нæ тавы.
Фæлæ, стыр хъыгагæн, абон Кавказы адæмты ’хсæн хæлы нæ раздæры хæлардзинад. Абон знаг чи кæмæн у, уый бæрæг нал ис. Комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ æхсæвы хъуысынц гæрæхтæ, æмæ сæ тарф фынтæй фыццагдæр æрыхъал вæййынц мадæлтæ æмæ сæ сабитæ. Сæ тæригъæд Хуыцау никæмæн ныббардзæн.
Фæлæ фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц!.. Мæн фидарæй уырны, топпы гæрæхты бæсты та Кавказы хæхты ’хсæнæй тагъд рæстæджы фæстæ кæй райхъуысдзæн фæндыры цагъд, æмæ та раздæрау йæ рæсугъд цагъдмæ кæй кафдзысты нæ фæсивæд!»…

Ацы цыбыр скъуыддзаг дзурæг у ууыл, æмæ Абойы-фырт иттæг хорз кæй зыдта ирон адæмы истори, нæ рагфыдæлты хъæздыг фольклор, нæ диссаджы рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитæ.
Ацы аз 1 августы Абойы-фыртыл хъуамæ сæххæст уыдаид 80 азы.Фæлæ уастæн цы загъдæуа хъысмæтæн. Йæ райгуырæн бон та йын иннæ хæттытау ныр дæр йæ бинонты къорд, йæ уарзон æмгæрттæ, йæ бирæ хæлæрттæ бæрæг кæндзысты æнæ йæхи.
Махæн, Зауырбеджы хорз чи зыдта, уыдонæн не ’ппæтæн дæр, нæ зæрдæтæ уæлдай тынгдæр ууыл риссынц, æмæ уымæн абоны онг дæр кæй нæма сбæрæг йæ фесæфты хабар, æмæ йæ ингæны уæлхъус рухсаг зæгъын дæр нæ бон кæй нæу.
Абойты Зауырбег Хетæгкаты Къостайау æрхуым зæрдæимæ æмæ æнкъардæй арвыста йæ сабийы бонтæ. Фæлæ зæрæмæггаг лæппу зæрдæргъæвд рахаста ахуырмæ. Скъолайы фæстæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис Педагогон æмæ Аивæдты училищетæ, уый фæстæ та — Мæскуыйы аивадон-полиграфион институт.
Зауырбеджы курдиат ирдæй райхæлд æмæ нывгæнынады стыр аивады йе ’рмдзæф уæлдай тынгдæр рабæрæг 60-æм азты. Уый йе ’ргом тынгдæр аздæхта графикæмæ, монументалон æмæ портретон жанртæм. Уæрæсейы хуыздæр поэттæ æмæ прозаиктæй бирæты фæндыд, цæмæй сын сæ чингуытæм иллюстрацитæ кодтаид Зауырбег. Æмæ йын уыцы хъуыддаджы чысыл нæ бантыст. Уæрæсейаг зындгонд фысджытæй 180-йæ фылдæрæн сæ чингуытæн скодта иллюстрацитæ.
Æдæппæтæй йын йæ куыстытæм гæсгæ, куыд Уæрæсейы, афтæ бирæ фæсарæйнаг бæстæты дæр сæрмагонд равдыстытæ арæзт æрцыд 14 хатты. Уыдонимæ — Египеты, Ливийы, Тунисы, Сирийы, Иорданийы æмæ æндæр рæтты. Йæ экспонатты нымæц ахызт 300 фылдæрмæ. Йæ сфæлдыстады тыххæй бирæ мидисджын уацхъуыдтæ, рецензитæ ныффыстой нывгæнынады аивады стыр дæснытæ.
Зауырбег нæ номдзыд æмæ хъуыстгонд лæгтæй бирæты портреттæ скодта. Уыдонимæ — А. Пушкины, Хетæгкаты Къостайы, Р. Гамзатовы, В. Шукшины, В. Высоцкийы, Н. Пиросманийы, М. Эсамбаевы, К. Симоновы æмæ иннæты сурæттæ.
Нывкæнынадæй уæлдай Абойы-фырт активонæй архайдта æхсæнадон хъуыддæгты дæр.Уыдис Мæскуыйы Моссоветы депутат. Зæрдиагæй архайдта Мæскуыйы цæрæг ирæтты кæрæдзимæ æрбангомдæр кæныныл. Стыр хъæппæрис равдыста, цæмæй Мæскуыйы арæзт æрцыдаид Ирон аргъуан.
Зауырбегæй-иу арæх ахæм ныхæстæ фехъуыстон, сидзæрыл дур дæр хæрдмæ тулы, зæгъгæ. Æмæ йæ фæстæдæр бамбæрстон, афтæ-иу цæмæн загъта, уый. Æвæццæгæн, æмбæрста, уымæ дæр царды разæй ахæм хъысмæт æнхъæлмæ кæсы, æмæ дзы-иу уый тыххæй схауд ахæм æнкъард ныхæстæ.
Фæлæ уыцы дур кæд, мыййаг, Зауырбеджы дæр æнæнхъæлæджы йæ быны фæкодта, уæддæр ын йæ бирæвæрсыг аивад ныцъцъист кæнын йæ бон нæ бацис. Уый йæ зæрдæйы тæгтæй цы бирæ сфæлдыстадон уацмыстæ сфæлыста, уыдон цæрæнбонтæм дæр арф бынат ахсдзысты адæмы зæрдæты.
Зауырбеджы фесæфты хабары фæстæ Ирыстоны аивадуарзджытæ сагъæс æмæ мæт кодтой, ацы курдиатджын нывгæнæджы алæмæты уацмыстæ куы фесæфой, биноныггонд куы не ’рцæуой, ууыл. Фæлæ йæ цæрæнбон бирæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Фадзайты Арсенæн, уый зæрдиагæй бацархайдта, цæмæй Абойы-фырты куыстытæ — æдæппæт 266 уацмысы — Мæскуыйæ ласт æрцыдаиккой Ирыстонмæ, æмæ ныртæккæ сæ бынат ссардтой Тугъанты Махарбеджы номыл музейы.
Бæргæ, Зауырбег, абон не ’хсæн куы уаис, уæд дын дæ райгуырды 80 азы сæххæсты бон дæ бирæ хæлæрттæ, зонгæтæ, æмгæрттæ, хæстæджытæ, стыр сидтытæ æмæ цы арфæтæ кæниккой, уыдонæн кæрон дæр нæ уаид. Фæлæ… Алцыдæр хъысмæтæй аразгæ у, æмæ цы нæ бон у?!. Мысынæй дарддæр ницы… Æмæ дын дæ ном алкæддæр нæ зæрдыл дардзыстæм. Рухсаг зæгъынмæ та æвзаг нæ тасы…

Черчесты Хъасболат,
газет «Рæстдзинад», 2011 азы 30 июль

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized

Нывгæнæг Абойты Зауырбеджы райгуырдыл сæххæст ис 80 азы

Зæрдæйы фæндиаг нæ бафтыд йæ къухы
 

Мæскуыйæ нæм ацы æнамонд сабар куы сыхъуыст, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг, академик Абойты Зауырбег æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ, уæд уый ирон адæмæн уыд, мæнæ хурбон æваст арв куыд æрцæва, уыйау.
Читать далее

Оставьте комментарий

Filed under Uncategorized